филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:12 вторник, 16 декабря 2025
26 августа 2025, 10:32
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд

Боны фæткмæ рахастой ахсджиагдæр фарстатæ: оперативон уавæр, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комплекс, социалон блок, бюджет

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Боны фæткмæ рахастой ахсджиагдæр фарстатæ: оперативон уавæр, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комплекс, социалон блок, бюджет. Æмбырды райдиан республикæйы разамонæг фæсидт Мидхъуыддæгты министрадмæ, цæмæй бæстон цæстдард цæуа нациты хсæн быцæутæм, стæй республикæйы арæнтæм. Уæлдай æргом аздæхтой цæрæнуæтты-коммуналон системæйы æнæкъуылымпыйы куыстмæ. Сергей Меняйло профилон министрадæн бабар кодта къабазы инвестицион æмæ цалцæджы программæтæм, стæй фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ цæттæгæнæн мадзæлттæм цæстдарын. Профилон министр Надгериты Батраз куыд фехъусын кодта, афтæмæй иумæйаг операторы цæттæдзинад ныридæгæн у 77%, цæрæнуæтты фонды та 56%. Республикæйы сæргълæууæг сæвæрдта хæс – разамынддæттæг компаниты ргом зымæгмæ цæттæдзинадмæ здахын, стæй ма куысты ахадындзинады аттестаци скæнын. Цæгат Ирыстоны дарддæр архайы федералон конкурс «Чысыл горæттæ æмæ историон бынæтты». Иннæ аз проектмæ гæсгæ аив кæндзысты Мæздæджы æмæ Æрыдоны æхсæнадон зонæтæ. Уыцы нысантæн радих кæндзысты 168 милуан сомы. Ацы аз ахæм куыстытæ цæуынц Алагиры, Беслæны æмæ Мæздæджы. Сергей Меняйло ма ахуырады æмæ наукæйы министрадæн бабар кодта, хæххон хъæуты сæрдыгон лагерьты нымæц фæфылдæр кæнын. Ацы аз ахæм лагерь байгом Махческы. Ахуырады æмæ культурæйы министрадтæн ма бахæс кодтой кадрты фарстайыл бакусын районты æмæ хъæуты. Специалисттæ кæм нæ фаг кæны, уырдæм студентты ргом здахын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania