Стыр æргом аздæхтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадмæ, социалон къабазмæ, бюджетмæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæм
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Стыр æргом аздæхтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадмæ, социалон къабазмæ, бюджетмæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæм. Оперативон уавæры тыххæй радзырдта Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ ис зынгсирвæзтытæй 5-æм къласы тæссагдзинад. Цалдæр районы кусы зынгсирвæзтыты ныхмæ фæтк. Ивгъуыд къуыримæ скуынæг кодтой 90 зынгсирвæзты. Арвы комы фæндагыл æмæ Транскамыл машинæтæ цæуынц æнæ къуылымпытæй. Уавæрмæ цæстдард цæуы бæрнон структурæты рдыгæй. Сергей Меняйло ма йе ргом аздæхта абон, 3-æм сентябры, стæй райсом 4-æм сентябры зонындзинæдты Боны æдасдзинады мадзæлттæм. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур радзырдта ведомствойы архайды тыххæй. Хъармгæнæн сезонмæ цæттæдзинад цæуы фæткмæ гæсгæ. Уымæй дарддæр Дондзæуæн куыстуат 200 метры арфæн цъас скодта Ольгинскæйы. Раздæр хъæуы уыди æрмæстдæр иу доны цъас. Йæ хъомыс æххæссыд æрмæстдæр 3 мин адæймагыл, æмæ дон нæ фаг кодта. Мæздæджы районы та куынæг кæнынц 9 æнæзакъон бырондоны. Уымæй дарддæр Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ бирæсывæллонджын, фæкæсынхъуаг æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн æвæрынц нымайæн прибортæ. Ныридæгæн сæвæрдтой 2 мины æмæ 500 ахæм кусæнгарзы. Æрæфы районы, федералон проект «Коммуналон инфраструктурæйы модернизаци» æххæст кæнгæйæ, райдыдтой дондзæуæн системæйы рацарæзты куыстытæ.




