Уæлдай æргом азæдхтой Дæргъæвсы некропольмæ
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд кусæг æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд культурон хæзнаты хъахъхъæныныл. Æргом ныхасы архайдтой Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгий, арæзтады æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат, культурæйы министр Фидараты Сослан, культурон объекттæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Гæлуты Ацæмæз, стæй Национ музейы диреткор Цуциты Аслан. Уæлдай æргом азæдхтой Дæргъæвсы некропольмæ. Уымæн æмæ у нæ республикæйы æппæтæй ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр историон-культурон объекттæй иу. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Сергей Меняйло Парламентмæ йе рвылазон доклады культурæйы министрадæн, Национ музейæн, арæзтады æмæ архитектруæйы министрадæн бабар кодта фæлгæсæн фæзæн бынат равзарын. Цæмæй дистанцион хуызы фадат уа некрополь фенæнæн. Уымæй дарддæр музейон комплексы алыварс хъæуы быру сæвæрын, цæмæй йæм бацæуыны фадат уа æрмæстдæр музейы специалисттæн. Ныридæгæн куыст райдыдта. Сергей Меняйло бабар кодта цыбыр æмгъуыдмæ рæстæгмæ мадзæлттæ саразын. Уый фадат ратдзæн, цалынмæ фæлгæсæн фæз арæзт цæуа, уæдмæ туристты змæлд сæрмагонд фæткмæ гæсгæ аразынæн. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ экономикон рæзты министрад æмгуыстад кæндзæн регионы гидты Ассоциациимæ. Туристон къордты разамонджытæн та дзурын хъæуы, дзæппæзтæм комкоммæ цæуæн кæй нæй, уый.
