филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 воскресенье, 01 февраля 2026
22 января 2025, 10:39
Цæгат Ирыстоны, Сæрмагонд æфсæддон операцийы 3900 архайæгæн ис социалон æххуысгæнджытæ

Ууыл дзырдтой, Дзанайты Барис æмæ президенты æххæстбарджын минæвары аппараты кусæг Сергей Никитин

Цæгат Ирыстоны, Сæрмагонд æфсæддон операцийы 3900 архайæгæн ис социалон æххуысгæнджытæ. Ууыл дзырдтой, Дзанайты Барис æмæ президенты æххæстбарджын минæвары аппараты кусæг Сергей Никитин. Ныхас цыдис президенты хæслæвæрттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Маматы Анджелæ радзырдта, хæстонтæн æмæ сæ бинонтæн цавæр æххуысы мадзæлттæ дæттынц, уыдоны тыххæй. Йæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, социалон æххуыс исынц 3953 адæймаджы. Социалон æххуысы къабазы ведомствæ йæхимæ цы хæстæ райста, уыдон æххæст кæнынц, куыд æмбæлы, афтæ. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн радзырдта газ æмæ электрон тыхы фиддонты тыххæй. Куыд бафиппайдта, афтæмæй коммуналон лæггæдты фиддонты уавæр кæны нывылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania