филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:29 суббота, 31 января 2026
01 марта 2022, 13:12
Цæгат Ирыстоны сарæзтой 14 сæрмагонд пункты, æмæ дзы æрбынат кодтой Донбассæй æрбалидзæг адæм

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг сæйраг управленийы хицау начальник Александр Хоружий

Цæгат Ирыстоны сарæзтой 14 сæрмагонд пункты, æмæ дзы æрбынат кодтой Донбассæй æрбалидзæг адæм. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг сæйраг управленийы хицау начальник Александр Хоружий. Æппæт пункттæ дæр дзуапп дæттынц домæнтæн, санаторий Тæмискъæй дарддæр. Уым нырма бакусын хъæуы зынгсирвæзтыты ныхмæ æдасдзинады мадзæлттыл. Уæлдай æргом здахынц сывæллæттæм. Уыдон фадат уыдзæн сæ ахуыр адарддæр кæнынæн. Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ ма æппæт пунктты бакуыстой æдасдзинады мадзæлттыл.

Ныхас цыд пандемияйы уавæрыл дæр. Æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй коронавирусæй рынчынты нымæц кæны къаддæр. Сергей Меняйло бабар кодта, ковиды ныхмæ мадзæлттæ фæлæмæгъдæр кæнын. Уымæй дарддæр ахсджиаг у – нысанмæ гæсгæ медицинон æххуыс кæнын æмæ маршрутты ивддзинæдтыл бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania