18 мая 2023, 11:29
Цæгат Ирыстоны сараздзысты экспорты регионалон стандарт
Æрхъуыдыдзинад царды рауаддзысты «Дунеон коопераци æмæ экспорты» национ проекты домæнтæ æххæст кæнгæйæ
Цæгат Ирыстоны сараздзысты экспорты регионалон стандарт. Æрхъуыдыдзинад царды рауаддзысты «Дунеон коопераци æмæ экспорты» национ проекты домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Экспортæн хорз уавæртæ саразыныл æмæ ног мадзæлттæй спайда кæныныл дзырдтой Сергей Меняйло æмæ профилон советы æмбырды. Регионалон экспорты стандарты нысан у экспортæн æххуыс кæнын æмæ йын йæ райрæзтæн хорз мадзæлттæ саразын. Уæрæсейы хицауады бардзырдмæ гæсгæ, регионтæ проект царды хъуамæ рауадзой 2024-æм азы кæронмæ. Сергей Меняйло та бадомдта, цæмæй уыцы æмгъуыдмæ ма æнхъæлмæ кæсой æмæ проект æвæстиатæй æххæст кæнын райдайой.
темæмæ гæсгæ




