филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
13 июля 2021, 12:40
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой Хетæджы бон

Æппæтадæмон бæрæгбон та Хетæджы къохы ногæй æрбамбырд кодта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты

Æрвылазон традицимæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны июлы дыккаг хуыцаубоны сбæрæг кодтой Хетæджы бон. Æппæтадæмон бæрæгбон та Хетæджы къохы ногæй æрбамбырд кодта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты. Æгъдаумæ гæсгæ, адæм къохмæ цыдысты сæ кувинæгтимæ. Бæрæгбоны архайдтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Цæгат Ирыстоны  сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Уазджыты хсæн уыди не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг Гæджиты Сослан.

Хетæджы къох йæ сыгъдæг уæлдæфимæ æмæ миддуне сыгъдæггæнæн æнкъарæнтимæ. Ам куывдтытæн ис уæлдай тых. Нæлгоймæгтыл, бæлццæттыл æмæ æфсæддонтыл аудæг -Уастырджийæ фæкурынц æнæниздзинад, фарн æмæ амонд. Æнæмæнгæй, куыд дæхи бинонтæн, афтæ æппæт Ирыстонæн дæр. Сæйраг куывд та, кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй иууылдæр уой  Уастырджийы базыры бын.

Хетæджы бон сбæрæг кæныны архайдтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло стæй Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолий. Уыдоны зæрдæ Ирыстоны цæрæг бирæнацион адæмæн загъта амонд æмæ рухс фидæн.

Хетæджы къох у сæйрг бынат ацы бæрæгбон сбæрæг кæнынæн. Дзуары бынатмæ адæм фæцæуынц рагзамантæй фæстæмæ. Æмæ ацы традици æххæст кæнынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

Дæсгай адæмтæ кувæндоны слæууыдысты рады, цæмæй сæ мысайнæгтæ фæхæццæ кæной, уый тыххæй. Уыцы фæрæзтæй, æгъдаумæ гæсгæ бакæнынц хæрзаудæн куыст, стæй ма базилдынц Къохмæ æмæ йæ алфамбылай территоримæ. Хетæджы бон нымад у адæмы иугæнæг бæрæгбоныл. Уый Къохы уæвгæйæ уæлдай тынгдæр банкъары адæймаг. Суанг ма кæрæдзийы чи нæ зоны, ахæм адæм куы сæмбæлынц дзуары бынаты, уæд кæрæдзийæн фæдæттынц фæндаг, æмæ ракæнынц зæрдæбын арфæтæ. Фæстаг дыууæ азы бæрæгбон арæзт фæцæуы пандемияйы уавæрты. Уымæ гæсгæ арæхдæр адæм сæ куывды фæкурынц ацы низ скуынæг кæнын, цæмæй зæххы къорийы цæрджытæ уой æнæниз.

Уастырджийы бон Хетæджы Къохы арвитын у ирон адæмы ныфсхастдзинады æмæ традицитæ æххæст кæныны символ. Бæрæгбон йæхæдæг та у – нæ республикæйы цæрæг бирæ адæмы хæттыты хæлар ахастдзинæдтæн ирд æвдисæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania