филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:32 вторник, 16 декабря 2025
16 июля 2024, 12:07
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой сæйрагдæр национ бæрæгбæттæй иу – Хетæджы бон

Сыгъдæг бынаты æрæмбырд сты мингай адæмтæ, цæмæй сæ куывдтытæ Хуыцаумæ æмæ Лæгты дзуармæ фæхæццæ кæной, уый тыххæй

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой сæйрагдæр национ бæрæгбæттæй иу – Хетæджы бон. Сыгъдæг бынаты æрæмбырд сты мингай адæмтæ, цæмæй сæ куывдтытæ Хуыцаумæ æмæ Лæгты дзуармæ фæхæццæ кæной, уый тыххæй. Традицимæ гæсгæ, куырдтой хиуæттæн æнæниздзинад, сæйрагдæр та – дунейы сабырдзинад. Ацы бæрæгбон парахат у æрмæст ирон адæмы *хсæн нæ, фæлæ республикæйы цы иннæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны *хсæн дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы сыгъдæг бынаты, æнусон бæлæсты бын куывдтытæн сæрмагонд нысаниуæг ис. Ам алкæйы дæр уырны, йæ ныхæстæ Хуыцаумæ æнæмæнг кæй фæхæццæ уыдзысты, уый. Æрвылаз Хетæджы къохы æрæмбырд вæййы бирæ адæм иу хъуыдыимæ, цæмæй банкъарой Хуыцауимæ иудзинад æмæ йыл сæхи бафæдзæхсой.

Сыгъдæг бынатмæ адæм традицимæ гæсгæ æрбацæуынц 3 кæрдзынимæ, кусарттагимæ, ирон бæгæныимæ, сæйрагдæр та – сыгъдæг хъуыдытимæ – Хуыцау сын сæ куывдтытæ кæй фехъусдзæн, æмæ Хетæгæн куыд баххуыс кодта, афтæ кæй баххуыс кæндзæн, уый ныфсимæ. Ацы бон кувæндоны адæм Хуыцауæй æмæ Лæгты дзуарæй курынц сабырдзинад æрмæст сæ бинонтæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан адæмы фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ скуывдтой.

Хетæджы къохы ахсджиаг у бæлвырд æгъдæуттæ æххæст кæнын. Ам нæй арт судзын, æнæуаг ныхæстæ кæнын æмæ ма суанг хъæрæй дзурын дæр. Уыцы фæтк, куыд традицитæ, афтæ хæццæ кæнынц алы фæлтæрмæ дæр.

Кувæн бынатмæ æрбацæуынц æнæхъæн бинонтæй. Бирæтæ та ардæм æрбацæуынц сыхæгтимæ. Уыдон дæр Ирыстоны хиуæттыл нымад сты.

Бирæ азтæм ацы бæрæгбон сси æппæтнацион. Суанг ма республикæйы уазджытæ дæр ацы бон æрбацæуынц къохмæ – баиу вæййынц Ирыстоны адæмимæ.

Уыцы фæсивæды нысан та у, кадджын ирон æгъдæуттæ æххæст кæнын æмæ сæ дарддæр фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania