Сæ фæрцы сæрмагонд программамæ хаст æрцыд, Паддзахады æххуысы фæрцы, куыст цы объектты цæудзæн, уыдоны номхыгъд
Зæрдæргъæвд куыстæн аккаг аргъ. Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрады схорзæхджын кодтой республикæйы дыккаг Æппæтуæрæсеон онлайн хъæлæс кæныныл чи бакуыста, уыцы специалистты æмæ бархионты. Сæ фæрцы сæрмагонд программамæ хаст æрцыд, Паддзахады æххуысы фæрцы, куыст цы объектты цæудзæн, уыдоны номхыгъд. Уыцы куысты уæлдай хуыздæр йæхи чи равдыста, уыдон уыдысты 16 адæймаджы. Се хсæн алы кары æмæ алы дæсныйдтыл хæст адæм. Æппæт æрбацæуджытæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы арæзтады æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрады арфæйы гæххæттытæ. Радта сæ Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Хадыхъаты Алан. Фæбæрæг ма кæндзыстæм уый дæр, æмæ УФ-йы президент Владимир Путины арфæйы гæххæттæй хорзæхджынгонд кæй æрцыд иунæг адæймаг. Уæрæсейы адæмон хæдзарады æмæ паддзахадон службæйы академийы магистрант Гуæцæлты Марат æмбырдгонд хъæлæстæм гæсгæ сси уæлахиздзау. Сæмбырд кодта 800 хъæлæсæй фылдæр. Кадджын мадзалы рæстæг куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй бархионты куысты фæрцы республикæйæн къухы бафтыд фидæны нысантæ сæххæст кæнын.




