01 октября 2025, 10:40
Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ цæуынц æрыгон æфсæддоны курс
Сæрмагондæй уыдонæн бацæттæ кодтой цалдæр къæпхæны – тагъдад, тых æмæ командæ
Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ цæуынц æрыгон æфсæддоны курс. Сæрмагондæй уыдонæн бацæттæ кодтой цалдæр къæпхæны – тагъдад, тых æмæ командæ. Ацы хатт ерыстæ цыдысты Беслæны дыккæгæм скъолайы. Командæйы кусыныл лæппутæ архайдтой дыууæ фæлтæрæны «Боевая тревога» æмæ «Военизированная эстафета»-йы. Пайда зонындзинæдтæ райсынæн фæсивæдæн æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды регионалон филиалы специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм ерыстæ æфтауынц се спортивон цæттæдзинадыл, æмæ ма хъомыл кæнынц æцæг патриотты. Спортивон квесттæ сбастой Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы азимæ.
темæмæ гæсгæ




