филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:02 суббота, 31 января 2026
25 марта 2022, 12:08
Цæгат Ирыстоны снысан кодтой социалон æгъдæуæй ахсджиаг объектты æрæзтады æмæ бындурон цалцæджы подрядон организацитæ

Уый тыххæй æмбырды фехъусын кодта республикæйы арæзтады министр Милдзыхты Аслан

Цæгат Ирыстоны снысан кодтой социалон æгъдæуæй ахсджиаг объектты æрæзтады æмæ бындурон цалцæджы подрядон организацитæ. Уый тыххæй æмбырды фехъусын кодта республикæйы арæзтады министр Милдзыхты Аслан. Ацы аз райдайдзæн Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районты скъолаты цалцæг. Арæзт æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы æхгæд футболон манеж дæр. Ацы хъуыддæгтæн радих кодтой 55 милуан сомы. Дзæуджыхъæуы ма фæзындзæн ноджыдæр иу спортивон комплекс бассейнимæ. Æмбырды фехъусын кодтой, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады 8 объекты чи рацараздзæн, уыцы подрядон организацитæ дæр. Уый, Беслæны дондзæуæн хызтæ æмæ уарыны дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы канализациты рацарæзт. Проекттæ сты дыууæазонтæ. Дондзæуæн хызты цалцæг райдайдзæн Майрæмададжы, Ногиры æмæ Хъæдгæроны дондзæуæн системæтæ дæр. Уæлæмхасæн æххуыс цæуы, санкциты фæстиуджыты аххосæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы куыстуæтты кадртæн. Адæмæн куыстдæттыны центр цæрджытæн фадат дæтты æхсæнадон куыстыты ныллæууынæн, фæрæзтæ сын дихгонд цæудзæн ведомствæйæ. Баххуыс кæндзысты, йæ фæллойадон куыст зынгæ кæмæн фæкъаддæр, ахæм адæмæн. Фиддонтæ ма райсдзысты, сæвзæрд уавæры тыххæй сæ кусгæ рæстæг боны рдæг кæмæн скодтой, уыдонæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania