13 января 2023, 11:11
Цæгат Ирыстоны спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц уæгъдибар хъæбысхæстæй æппæтадæмон турнир Гран-при «Иван Ярыгин»-мæ
Райдайдзæн январы кæрон Красноярскы
Цæгат Ирыстоны спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц уæгъдибар хъæбысхæстæй æппæтадæмон турнир Гран-при «Иван Ярыгин»-мæ. Райдайдзæн январы кæрон Красноярскы. Тренировкæтæ цæуынц Хæдарцаты Асланы номыл хъæбысхæсты академийы. Спорты ацы хуызы ирон скъола дунейы нымад у хуыздæртæй иуыл. Спортивон къæлиндары фыццаг ерыстæм се ппæт дæр сæхи бындуронæй цæттæ кæнынц.
Турниры архайдзысты Уæрæсейы тыхджындæр спортсментæ. Цæгат Ирыстонæй ерыстæм ацæудзæн 25 богалы. Се хсæн æнæмæнг лидертæ сты Сидахъаты Зауырбег æмæ Найфонты Артур. Ирон спортсментимæ иумæ академийы тренировкæ кæны Казахстаны иугонд командæ дæр – уазджытæ сæхи цæттæ кæнынц сæ бæстæйы чемпионатмæ.
темæмæ гæсгæ




