филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:23 суббота, 28 сентября 2024
20 сентября 2019, 15:43
Цæгат Ирыстоны ссардтой Колкайы цъитийы азарæй чи фæмард уыдоны ном

Трагеди æрцыд 17 азы размæ

Цæгат Ирыстоны ссардтой Колкайы цъитийы азарæй чи фæмард уыдоны ном. Трагеди æрцыд 17 азы размæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм 2002-æм азы 20-æм сентябры Гæналдондоны комы ратыдта Колкайы цъити. Ихзæй йæ быны асаста Хъæрмæдоны хъæу æмæ ахæлиу комы 33 километры. Ламидæтты, цъыф æмæ дурты амæдтаг баисты 125 адæймаджы, уыдонæй ссардтой æрмæстдæр 19-ы. Æбæрæгæй сæфтыл нымад сты 106 адæймаджы, уыдонимæ зындгонд артист Сергей Бадровы къорд æмæ бæхты театр «Нарты» -йы артисттæ. Абон райсомæй республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, хицауады сæрдар Тъускаты Таймураз, парламенты спикер Алексей Мачнев æмæ æндæр ведомтсвæты разамонджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Хъобаны, æрдзон фыдбылызы амæдтæгтæн цы цыртдзæвæн сарæзтой уым.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania