филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:41 понедельник, 02 ноября 2026
10 октября 2026, 11:01
Цæгат Ирыстоны стыр æргом здæхт цæуы уæлæмхасæн ахуырадмæ

Гом кæнынц ног къордтæ æмæ секцитæ

Цæгат Ирыстоны стыр æргом здæхт цæуы уæлæмхасæн ахуырадмæ. Гом кæнынц ног къордтæ æмæ секцитæ. Ацы бонты ма Дзæуджыхъæуы байгом сты æлыгæй куыст кæныны дыууæ æрмадзы. Ифтонг сты æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй. Ахуыртæ та цæуынц лæвар. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Дурынгæнджыты æрмадзы хъомылгæнинæгтæ педагогмæ лæмбынæг байхъусгæйæ, фæлварынц æлыгимæ архайын. 8-аздзыд Бэллæ æппæлы, йæхи къухтæй цы куыст сарæзта, уымæй.  Чызг ныртæккæ цæттæ кæны лæвар йæ мадæн.

Карсанаты Дианæйы зæрдæйы дурынгæнæджы дæсныйадмæ цымыдисдзинад сæвзæрд афæдз размæ. Раздæр фæлвæрдта хæдзары ахуыр кæнын. Дзæуджыхъæуы сывæллæтты сфæлдыстады Скъолайы ахæм тыгъдад байгом, уый куы базыдта, уæд уайтагъд æрбацыдис. Ныр фæнд кæны йæ фидæны дæсныйад аивадимæ бабæттын. Йæ хъуыдытæ раргом кодта горæты сæргълæууæджы хæдивæг Ходы Мæдинæйæн.

Æрмадзы ахуыр кæнынц 20 сывæллоны 8 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Баиу сæ кодтой æртæ къорды.

Ахæм тыгъдад фæзындис эстетикон хъомылады центр «Сфæлдыстад»-ы. Ам сывæллæттæ фæлварынц цайцымæнтæ аразын. Æрмæгимæ кусын фыццаг хатт сарæхсын æнцон нæу, фæлæ сын æххуыс кæны фæлтæрдджын педагог. Ардæм зæрдиагæй цæуы 12 аздзыд Ираклий. Уый дæр цæттæ кæны лæвар йæ мадæн.

Дурынгæнæджы къордтæ сывæллæттæн байгом кодтой горæты администрацийы хъæппæрисæй уæлæмхасæн ахуырадон куыстуæттæй дыууæйы, сифтонг сæ кодтой хъæугæ æрмæгæй. Алы æрмадзмæ дæр балхæдтой дурынгæнæнджы 11 зилаккы æмæ пецтæ. Сывæллæттæ ахуыр кæнынц лæвар.

Дурынгæнæджы дæсныйад  — арт-терапийы хуыз, ахъаз у аивадон хъуыдыкæнынады рæзтæн.  Ацы сфæлдыстад æвзæрын кæны цымыдисдзинад скъоладзауты зæрдæты. Къордтæм ис бацæуыны фадат, кæй фæнды, уыдонæй се *ппæтæн дæр. Ног къабаз байгом кæнынимæ баст мадзæлттæ сарæзтой Уæлæмхасæн ахуырады педагогы Боны кадæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania