филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:27 суббота, 31 января 2026
18 июля 2019, 17:00
Цæгат Ирыстоны сырæзт бындурон цалцæджы фиддонты бæрц

Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады пресс-службæйæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй артаг æмæ энергетикæйы бæрæггæнæнтæ ивгъуыд азы фыццаг æмбисимæ абаргæйæ сырæзтысты 18-æй 29% онг.

Цæгат Ирыстоны сырæзт бындурон цалцæджы фиддонты бæрц. Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады пресс-службæйæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй артаг æмæ энергетикæйы бæрæггæнæнтæ ивгъуыд азы фыццаг æмбисимæ абаргæйæ сырæзтысты 18-æй 29% онг.
Ацы фарстайы хицæн районты хъуыддаг цæуы хуыздæр. Афтæ, Алагиры 1.5% схызт 20%. Буроны 0,2 – 73%-мæ. Арыдоны фиддонтæ, зæгъæн ис, æмæ æппындæр нæ цыдысты, ныр та сты 38%. Раззагдæр у Мæздæг, ам хæдзæртты хицæуттæн сæ 84 проценты фидынц бындурон цалцæгæн. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæн куыд зæгъы, афтæмæй регионалон оператор фæтыхджындæр кодта йæ информацион куыст. Алы къуыри дæр аразынц фембæлдтытæ республикæйы алы районты цæрджытимæ, æмбарын кæнынц сæ фиддонтæ кæдæм æмæ куыд хардзгонд цæуынц, уый. Хæдзар цалцæггæныны радмæ куыд сæвæрынц. Дзуырнц рагагъоммæйы цалцæджы гæнæнты тыххæй. Уый къухы бафтдзæн хæдзары цæрджытæн сæ 80% фылдæр куы фидой уæд. Министры ныхæстæм гæсгæ, цыбыр рæстæгмæ ис хæдзæртты техникон уавæр фæхуыздæр кæнын. Фæлæ уыцы хорзæхмæ Æрæфы районы цæрджыты хъæудзæн банхъæлмæ кæсын. Амы цæрджытæ бындурон цалцæгæн нæ фидынц æппындæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania