13 января 2022, 13:20
Цæгат Ирыстоны Тарскæйы полигоны ацыдысты артиллеристты ахуыртæ
Быдырон уавæрты æфсæддонтæ миномет «Тюльпан»-æй карз ныхмæлæуддзинад ратдзыты фыдгæнджыты ахсджиаг объектæн
Цæгат Ирыстоны Тарскæйы полигоны ацыдысты артиллеристты ахуыртæ. Быдырон уавæрты æфсæддонтæ миномет «Тюльпан»-æй карз ныхмæлæуддзинад ратдзыты фыдгæнджыты ахсджиаг объектæн. Æнæпилотон авиацийы фæрцы ссардзысты, æмæ аргъ скæндзысты хъæугæ бынæттæн, уый фæстæ, мысанмæ фехсдзысты сæрмагонд минæтæй. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ ныхмæлæууæджы пункт ис 20 км дæрддзæфы. Миномет «Тюльпан»-æн йæ бон æхсын у 130 кг уæз кæмæн ис, ахæм минæтæй, 10 км онг дæрддзæфмæ. Активон-реактивон минæтæй та 20 км онг, уыдонæн та сæ уæз у 230 кг.




