24 декабря 2024, 10:36
Цæгат Ирыстоны театралон аивады музейыл сæххæст 30 азы
Уый кадæн сæм байгом сæрмагонд равдыст
Цæгат Ирыстоны театралон аивады музейыл сæххæст 30 азы. Уый кадæн сæм байгом сæрмагонд равдыст. Равдыст арæзт у цыппар хайæ: «Музей байгом кæныны бон», «Равдыстадон архайд», «Нæ уазджытæ» æмæ «Бинонтæ». Алкæцыдæр нысан кæны музейы рæзты къæпхæнтæ. Ам зæгъын хъæуы уы, æмæ Цæгат Кавказы регионты хсæн у иунæг ахæм бынат. Экспозици ирдæй æвдисы рагон Дзæуджыхъæуы цымыдисаг театралон культурæ, стæй нæ республикæйы профессионалон театрты нырыккон рæзт. 30 азмæ музейы арæзт æрцыд 300 равдыстæй фылдæр. Баст уыдысты юбилейон, историон æмæ зæрдылдарæн цаутимæ. Бафиппайдзыстæм ма уый дæр, æмæ равдыстытæ арæзт цыдысты, куыд музейы бæстыхайы, афтæ Цæгат Ирыстоны театрты дæр.
темæмæ гæсгæ




