11 марта 2021, 12:09
Цæгат Ирыстоны территорийы бирæвæрсыг центрты фæзындзысты криптобиокабинæтæ
Уыдон адæймагæн фадат ратдзысты тагъддæр æмæ æнцондæрæй бæрæггæнæнтæ бадæттын фæсарæйнаг паспорт райсынæн
Цæгат Ирыстоны территорийы бирæвæрсыг центрты фæзындзысты криптобиокабинæтæ. Уыдон адæймагæн фадат ратдзысты тагъддæр æмæ æнцондæрæй бæрæггæнæнтæ бадæттын фæсарæйнаг паспорт райсынæн. Фыццаг кабинæ бафæлвардзысты Дзæуджыхъæуы Цоколаты Геннадийы уынджы бирæвæрсыг центры. Курдиат бадæттыны процедурæ 15 минутæй фылдæр нæ уыдзæн. Уыимæ профилон специалистмæ цæуын нæ хъæудзæн. Ног технологи куы ныффидар уа, уæд ног аз криптобиокабинæтæ фæзындзысты нæ республикæйы æппæт бирæвæрсыг центрты дæр.