филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:04 вторник, 16 декабря 2025
30 сентября 2025, 10:32
Цæгат Ирыстоны территорийы кæронмæ фæхæцæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур

Цæгат Ирыстоны территорийы кæронмæ фæхæцæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Специалисттæ бавнæлдтой медицинон, ахуырадон æмæ скъолайы агъоммæйы куыстуæтты хъармгæнæн системæтæ бафæлварынмæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у æппæт куыстытæ хъармгæнæн сезоны размæ сæххæст кæнын. Оперативон уавæрыл дзургæйæ, хицауады сæрдары хæдивæг Атарты Георгий фехъусын кодта, ивгъуыд къуырийы республикæйы фæндæгтыл æрцыди 98 фыдбылызы. Арвы Комы фæндаг кусы æрвылбоны фæткмæ гæсгæ, фæлæ уый нæ хынцгæйæ Уæллаг Ларсы уылты ацæуынмæ цы машинæтæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдоны нымæц кæны фылдæр. Электрон рады лæууы 2640 машинæйы. Ивгъуыд къуырийы паддзахадон арæнты сæрты ахызти транспорты 26 мин иуæджы æмæ 96 мин адæймаджы. Аппаратон æмбырды ныхас цыди эпидемиологон уавæрыл дæр. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы минæвары бæрæггæнæнтæм гæсгæ, рæстæмбис æмвæзадæй фæфылдæр хæцгæ низты нымæц дæр. Дзанайты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ацæудзысты æппæтуæрæсеон тренировкæтæ граждайнаг хъахъхъæнынадæй. Йæ фæлгæты, скъоладзаутæн традицимæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн æдасдзинады гом урок.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania