филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:26 вторник, 16 декабря 2025
20 августа 2024, 11:06
Цæгат Ирыстоны транспорты реформæ куыд цæуы, ууыл дзырдтой аппаратон æмбырды. Ныртæккæ кусынц æхсæнадон транспорты маршрутон хыз фæхуыздæр кæныныл, цалдæр маршрутмæ бахастой ивддзинæдтæ

Республикæ балхæдта 152 автобусы, уыдонæй 40 арвыстой муниципалитетты хсæн маршруттыл кусынмæ. Цæмæй фарста кæронмæ алыг кæной, уый тыххæй ма балхæнын хъæуы ноджыдæр 70 машинæйы. Афæдзы кæронмæ сараздзысты сæрмагонд программæ æмæ йæ фæрцы бæлццæтты бон суыдзæнис æхсæнадон транспорты цыдмæ телефоны уылты цæст дарын. Уымæй уæлдай республикæйы кусынц, цæмæй автобусты фæндаггагæн уа бафидæн банчы картæйæ. Маршрутты кæронбæттæн æрлæууæнтæм базылдысты æмæ дзы сæвæрдтой видеоцæстдарды фæрæзтæ.

Сергей Меняйло ма аппаратон æмбырды бабар кодта, цæмæй Беслæны теракты дыууын азы мадзæлтты баххæст кæной æхсæнадон фæтк. Уымæй дарддæр барады структурæтæн загъд уыдис, цæмæй цæст дарой скъолаты кадджын линейкæты цыдмæ. Республикæйы разамонæг бафарста, Мæздæджы районы тæрккъæвдаты фæстиуджытæ куыд иуварс кæнынц, уый тыххæй дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — 6 августы тыххджын дымгæйы тыххæй районы цалдæр бынаты ахуыссыд электрон тых æмæ дон, муниципалитеты та скодтой æнæнхъæлæджы уавæр.

Бынæтон администрацийы разамонæг Станислав Никифоров куыд загъта, афтæмæй районы резервон фонды фæрæзтæ балхæдтой æрмæджытæ, фæлæ куыстытæ къуылымпы кæнынц, подрядон куыстуæтты адæм кæй нæ фаг кæнынц, уый тыххæй. Станислав Никифоров зæрдæ бавæрдта, 1 сентябрьмæ æппæт хъыгдардбаййафæг объектты дæр бæстыхæйтты сæртæ кæй баивдзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania