Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй бæрæгбон бæрæг кæнынц федералон æмвæзадыл
Цæгат Ирыстоны цæрджытæн республикæйы 100 азы фæдыл арфæ ракодта Сергей Меняйло. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй бæрæгбон бæрæг кæнынц федералон æмвæзадыл. Указ бафыста Уæрæсейы президент Владимир Путин. Документмæ гæсгæ, бæрæгбоны мадзæлттæ цæудзысты æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ æндæр регионты дæр. «Ацы бон бар дары, Ирыстоны чи райгуырд æмæ йæ зæрдæйæ чи уарзы, уыцы адæммæ се ппæтмæ дæр. Цæгат Ирыстон хъуыстгонд у йæ уазæгуарзондзинадæй, рæсугъд æрдзæй æмæ историон бынтæй. Абон нæ республикæ у, райрæзты фæндагыл чи лæууы, ахæм регион. Архайæм паддзахадон программæты, аразæм ног скъолатæ, рæвдауæндæттæ, рынчындæттæ, фæндæгтæ, кусæм инвестортимæ æмæ федералон къабæзтимæ. Цæгат Ирыстоны цæрынц 100 адæмыхатты минæвары. Уыдон æрвылбон æфтауынц нæ паддзахады тых æмæ хъомысыл. Уырны мæ, афтæ кæй уыдзæнис дарддæр дæр. Ацы рухс бон уын мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад, æнтыстдзинæдтæ, фарн æмæ амонд. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд» – уыдис фыст арфæйы телы.




