13 июня 2024, 12:16
Цæгат Ирыстоны цæрджытæн Уæрæсейы боны фæдыл арфæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло
Йæ телеграмм каналы загъта: Бæрæгбон дзурæг у Уæрæсейы егъау æмæ æгæрондзинадыл
Цæгат Ирыстоны цæрджытæн Уæрæсейы боны фæдыл арфæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Йæ телеграмм каналы загъта: Бæрæгбон дзурæг у Уæрæсейы егъау æмæ æгæрондзинадыл. Йæ алы хъуыддагмæ дæр ын махæй алчидæр дары бар. Абон та иууылдæр, æмдых æмæ æмзондæй æрбамбырд стæм æмæ æрлæууыдыстæм зындзинæдты ныхмæ. Дызæрдыггаг нæу, æппæт зындзинæдты сæрты кæй ахиздзыстæм, æмæ кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, уый. Нæ бирæ æнусон историмæ афтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд. Ацы аз ма сбæрæг кодтам нæ историйы сæйрагдæр цаутæй иу – Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 250 азы. Нæ фыдæлтæ акодтой хъысмæтхæссæг æмæ раст къахдзæф. Абон сæрбæрзондæй бæрæг кæнæм ацы историон цауы юбилей.
темæмæ гæсгæ




