филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:32 суббота, 31 января 2026
06 декабря 2023, 11:55
Цæгат Ирыстоны цæстдарæн-нымайæн палатæйы арæзт æрцыд цæстдарæн-нымайæн оргæнты Советы радон æмбырд

Ныхас цыд палатæйы куысты хатдзæгтыл

Цæгат Ирыстоны цæстдарæн-нымайæн палатæйы арæзт æрцыд цæстдарæн-нымайæн оргæнты Советы радон æмбырд. Ныхас цыд палатæйы куысты хатдзæгтыл. Бæстон æрлæууыдысты Æрыдоны районы бюджеты хи æфтиæгты æмæ хæсты анализыл. Ныхас ма цыд Кировы районы зæххы хæйтты пайда кæныны ахадындзинадыл. Се хсæн – хъæууонхæдзарадон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм зæххы хæйттæ дæр. Æрхастой фæстаг дыууæ азы бæрæггæнæнтæ. Ахæм практикæ фадат дæтты муниципалон скондты лыггæнинаг фарстатæ раиртасынæн. Уымæй дарддæр Совет сфидар кодта цæстдарæн-нымайæн оргæнты куысты пълан 2024-æм азæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania