филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:29 суббота, 31 января 2026
09 сентября 2025, 10:33
Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц хъæлæс кæныны Иумæйаг бонмæ

13æ-мæ æмæ 14-æм сентябры республикæйы цæрджыты бахъæудзæн 6 хъæуы хицауы равзарын

Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц хъæлæс кæныны Иумæйаг бонмæ. 13æ-мæ æмæ 14-æм сентябры республикæйы цæрджыты бахъæудзæн 6 хъæуы хицауы равзарын. Уымæй дарддæр æвзардзысты Черменыхъæуы æмæ Хуымæллæджы минæвæртты æмбырды депутатты. Республикæйы районты цæуынц ахуырадон семинартæ участокты æвзарæн къамисты уæнгтæн. Ацы аз ахæм фембæлдтытæн ис уæлдай нысаниуæг – фыццаг хатт пайда кæндзысты дистанцион электрон хъæлæс кæныны системæйæ. Курдиæттæ ист цæуынц Паддзахадон лæггæдты порталы уылты. Лектортæ бæстон дзурынц ног технологиты тыххæй, къамисы куысты фæткы тыххæй æмæ æвзарæн процесс аразыны тыххæй. Уæлдай æргом здахынц æвзарæн бюллетеньты куыст кæныны комплексы куыстмæ. Участокты æвзарæн къамисты уæнгтæн равдыстой, раст сæ куыд пайда кæнын хъæуы, уый. Ам хъæуы бюллетень раст бавæрын, цæмæй алы хъæлæс дæр хыгъд æрцæуа. Ахсджиаг у, хъæлæс кæныны иумæйаг бон закъонмæ гæсгæ æмæ цæрджыты æнцонархайд уавæртæ хынцгæйæ арвитын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania