филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:05 воскресенье, 01 февраля 2026
17 августа 2023, 11:57
Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц зымæгон афонмæ

Бæрнон структурæтæ цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, ууыл дзырдтой энергон хызты æдасдзинады регионалон штабы æмбыды

Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц зымæгон афонмæ. Бæрнон структурæтæ цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, ууыл дзырдтой энергон хызты æдасдзинады регионалон штабы æмбыды. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй сарæзтой æмæ æххæст кæнынц сæрмагонд пълан. Йæ домæнтæм гæсгæ, егъау куыстытæ сæххæст кодтой хъармы æмæ газуарæн куыстуæтты дæлхайæдты. Зымæгмæ цæттæ кæнынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты райрæзты фæлварæн программæмæ гæсгæ. Йæ фæрцы уал нæ республикæйы сарæзтой хъармы æмæ доныхызты иугонд куыстуæттæ. Уымæй уæлдай иу кæнынц исбонады комплекс. Æмрыдры уымæй дарддæр рахастой уынаффæ, цæмæй энергетикæйы къабазы объектты саразой сæрмагонд фæлтæрæнтæ æмæ сбæрæг кæной, æнæнхъæлæджы уавæрты специалисттæ куыд архайдзысты, уый.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania