26 ноября 2025, 10:38
Цæгат Ирыстоны цæуы Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты регионты хсæн ерысты дыккаг къæпхæн хоккейæ, 13 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппуты хсæн
Турниры фыццаг къæпхæн дæр арæзт æрцыд ихын фæз «Тагбан»-ы
Цæгат Ирыстоны цæуы Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты регионты хсæн ерысты дыккаг къæпхæн хоккейæ, 13 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппуты хсæн. Турниры фыццаг къæпхæн дæр арæзт æрцыд ихын фæз «Тагбан»-ы. Ерыстæ цæудзысты 28-æм ноябры онг. Æдæппæтæй дзы уыдзæн 5 раунды. Фыццаджы уал къордты хсæн фембæлдысты командæтæ «Алайнаг фыранктæ» æмæ «Наследие». Хуыздæры ном райсыныл архайынц 5 командæйы Сочийæ, Симферополæй, Стъараполæй. Цæгат Ирыстоны кад, тардицимæ гæсгæ, хъахъхъæнынц «Алайнаг фыранктæ». Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ турнир хаст æрцыд иумæйаг къалендарон пъланмæ.
темæмæ гæсгæ




