28 марта 2025, 10:39
Цæгат Ирыстоны цæуы турнир шахмæттæй «Белая ладья»
100 æвзонг шахматистæй фылдæр цалдæр боны ерыс кæнынц Ногиры 2-æм скъолайы
Цæгат Ирыстоны цæуы турнир шахмæттæй «Белая ладья». 100 æвзонг шахматистæй фылдæр цалдæр боны ерыс кæнынц Ногиры 2-æм скъолайы. Архайы дзы 25 командæйы республикæйы 3 районы æмæ Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæттæй. Хъазынц швейцариаг системæмæ гæсгæ – лидертæ лидертимæ куы сæмбæлынц, дарддæр та цæттæдзинады æмвæзад ныллæгдæр кæнгæйæ. Турнир у æрвылазон, уæлахиздзау-командæ республикæйы кад хъахъхъæндзæн федералон къæпхæны. Уыдзæн Сириусы. Мадзал сарæзтой республикæйы ахуырады æмæ наукæйы, физкультурæ æмæ спорты министрадтæ æмæ шахматты цæгатирыстойнаг федераци. Турниры оператор у Хъæбæлоты Билары номыл сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуан.
темæмæ гæсгæ




