Куыст дæттыны комитеты специалисттæ фембæлдтытæ аразынц 10-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутимæ
Цæгат Ирыстоны цæуы уалдзыгон профориентацион кампани. Куыст дæттыны комитеты специалисттæ фембæлдтытæ аразынц 10-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутимæ. Ацы аз фыццаг ахæм æмбырд арæзт æрцыд Цыколайы дыккæгæм скъолайы. Рауагъдонтæн радзырдтой, ныртæккæ æппæтæй хъæугæ æмæ ахадгæ дæсныйадтыл нымад чи у, уыдоны тыххæй. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ стыр æргом здæхт цæуы, туризмы къабазимæ баст чи у, ахæм дæсныйæдтæм. Бæстондæр та æрлæууыдысты хæххон курорт «Мамысон»-ы арæзтадыл. Ахуырдзаутæн бацæттæ кодтой бæлвырд хъусынгæнинаг алы дæсныйæдты тыххæй. Уымæн æмæ хатгай хистæркъласонтæ зынтæй равзарынц фидæны дæсныйад. Ацы аз ма куыст дæттыны комитеты хъæппæрисæй арæзт æрцæудзæн социалогон æрфарст. Ахæм архайд фæцæуы 3 азмæ иу хатт.




