Цæгат Ирыстоны цæуынц регионты хсæн фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ боксæй лæппуты æмæ чызджыты хсæн. Баст сты Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Монголийы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр, æфсады инæлар Плиты Иссæйы номимæ.
Нæ республикæмæ ссыдысты 150 боксеры Стъараполы крайæ, Белгороды æмæ Ростовы облæсттæй, Дагестанæй, Цæцæны æмæ Кæсæг-Балхъары Республикæтæй. Ерыстæ цæуынц спортивон хъæбысхæстæй цæттæгæнæн центры æмæ фæуыдзысты 1-æм декабры. Зæгъын хъæуы уый, æмæ спортивон комплекс арæзт æрцыд, национ проект «Демографийы» федералон проект «Спорт – царды нормæ» æххæст кæнгæйæ.
Турниры алы категориты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæндзысты майдантæй æмæ дипломтæй. Спортсментæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ дины минæвæрттæ. Ацы ерыстæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын.




