филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:17 пятница, 17 мая 2024
13 октября 2022, 11:39
Цæгат Ирыстоны цалдæр азмæ сцалцæг кодтой 350 хæдзары кæрты

Æмæ уыцы хыгъд азы кæронмæ фæфылдæр уыдзæн ноджыдæр æхсай фондзæй

Цæгат Ирыстоны цалдæр азмæ сцалцæг кодтой 350 хæдзары кæрты. Æмæ уыцы хыгъд азы кæронмæ фæфылдæр уыдзæн ноджыдæр æхсай фондзæй. Куыстытæ цæуынц федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд» – мæ гæсгæ. Кутузовы уынджы хæдзары цæрджытæ банхъæлмæ кастысты ивддзинæдтæм, фæлæ куыстытæй разы нæма сты. Цы у уыцы хъуыддаджы аххосаг, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Ацы бынаты фæрсты ацæуын фæхъæуы ныр дæр. Адæмæн æнцон фæндаджы бæсты – асфальты гæппæлтæ. Кутузовы уынджы æстайæм хæдзары дыккæгæм корпусы цæрджытæ сæ зæрдæ дардтой, цалцæггæнæн куыстыты фæстæ цъыф фæндæгтæй кæй фервæздзысты, ууыл, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй хæдзары кæрты цур цы территори ис, уый сметæ æмæ куыстыты пъланмæ нæ хауы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, подрядон организацийы минæвæрттæ цæрджыты курдиатмæ куыд сæ бон уыд, афтæ æркастысты, фæлæ хъуыддаг хуыздæр нæ фæци. Ныр ацы бынаты фæрсты ацæуынц, цæмæй сæ къæхтæ мацæуыл скъуырой, уый тыххæй. Фæлæ ма иу лыггæнинаг фарста дæр куы уаид. Цы цалцæггæнæн куыстытæ скодтой, уыдонæй цæрджытæ разы не сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй бордюртæ сты æгæр уæллоз æмæ бирæтæн подъездтæм бацæуын зын вæййы. Асфальт дæр у хуыздæрхъуаг.

Ацы кæрт бахастой федералон программæ «Формирование комфортной городской среды» – мæ. Куыстытæ райдыдтой 2 мæйы размæ. Ныр дæр нæма фесты, фæлæ хæдзары цæрджытæ тыхсын райдыдтой. Республикæйы адæмон фронты минæвæрттæ дæр семæ разы сты.

Подрядчиктæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ куысты хъæндзинæдтæ сраст кæндзысты.

Дзæуджыхъæуы уынджы 41 бирæфатерон хæдзары дыккæгæм корпусы цæрджытæ хæдзары кæрты цалцæгмæ æнхъæлмæ кæсынц 1989 азæй нырмæ. Асфальты дзыхъхъытæ рагæй фæзынд. Бынæттон цæрджыты хъыгдарынц подъездты бацæуæнтæ, канализациты гом сæртæ æмæ газы хæтæлтæ. Сывæллæттæ цæмæй сæхи аирхæфсой, уый тыххæй сæ фæхъæуы сыхаг кæртытæм бацæуын. Ацы районмæ дæр адæмон фронт йæ цæст æрдардта.

Горæты администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй базилинаг кæртытæ бирæ ис. Алы курдиат дæр бафыссынц реестры. 2017 азæй фæстæмæ программæмæ гæсгæ сцалцæг кодтой 350 кæрты. Ацы аз дæр ма базилдзысты 65-мæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania