филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:04 понедельник, 15 декабря 2025
24 июня 2025, 10:33
Цæгат Ирыстоны цалдæр раны ис зынгсирвæзтыты ныхмæ сæрмагонд фæтк

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы æнæнхъæлæджы цауты министрады минæвар

Цæгат Ирыстоны цалдæр раны ис зынгсирвæзтыты ныхмæ сæрмагонд фæтк. Снысан дзы кодтой æдасдзинады 4-æм кълас. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы æнæнхъæлæджы цауты министрады минæвар. Къуыримæ ахуыссын кодтой 18 зынгсирвæзты, хъыгдард дзы ничи баййæфта. Мидхъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ та уыцы æмгъуыдмæ регистрацигонд æрцыди 83 фæндаггон фыдбылызы, 24 дзы уыдысты хъыгдардбаййафджытимæ. Æмбырды ныхас цыди Арвы Комы фæндагыл дæр. Вице-премьер Томайты Ирбег куыд загъта, афтæмæй 280 уæзласæн машинæйы æнхъæлмæ кæсынц сæ радмæ, уыдонæй 80 сты сæрмагонд æрлæууæнты. Аппаратон æмбырды æрдзырдтой хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл дæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Хъараты Тимур куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы къабаз цæттæ 41%  у. Джызæлы æнæзакъон бырондон скуынæг кæнынмæ арвыстой уæззау техникæйы 20 иуæджы. Куыстытæ хъуамæ кæронмæ фæуой 2 мæймæ. Сергей Меняйло фехъусын кодта, горæт спутник «Симды фæзы»-ы арæзтад бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ ахæсдзысты Джызæлмæ. Республикæйы сæргълæууæг загъта, проектыл æххæстæй бакусдзæн хъæппæрисджын къорд. Хаст æм æрцæудзысты хъæуы цæрджытæ, разамынддæттæг компанийы æмæ арæзтады министрады уæнгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania