Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег
Цæгат Ирыстоны цалдæр раны снысан кодтой зынгсирвæзтыты ныхмæ сæрмагонд фæтк. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Куыд загъта, афтæмæй къуыримæ уæрæсеаг-гуырдзиаг арæнты сæрты ахызти 28 мин машинæйы. 1160 уæзласæн машинæйы æнхъæлмæ кæсынц сæ радмæ. Æмбырды ныхас цыди хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæныныл дæр. Абоны онг системæ цæттæ у 62%. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Хъараты Тимур куыд фехъусын кодта, афтæмæй Джызæлы цы æнæзакъон бырондон сæвзæрд, уый æххæстæй скуынæг кодтой. Раластой дзы 5 мин тонны бырон. Уымæй уæлдай, дзуаппдæттæг ведомствæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы 33-æм маршрутæн райстой йæ лицензи. Æмбырды ныхас цыди цардархайды æндæр фарстатыл дæр.
