филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:29 воскресенье, 01 февраля 2026
26 декабря 2019, 12:29
Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамис хатдзæгтæ скодта йæ афæдзы куыстæн

Æрдзырдтой, 2020-æм азы æвзæрстытæ цы хуызы цæудзысты, уыцы фарстатыл дæр

Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамис хатдзæгтæ скодта йæ афæдзы куыстæн. Æрдзырдтой, 2020-æм азы æвзæрстытæ цы хуызы цæудзысты, уыцы фарстатыл дæр. Сæйраг хъуыддæгтæй иу у – цæмæй адæм цæуой æвзарæн хайæдтæм, цæмæй сæ æвзарджыты бартæ хъахъхъæд цæуой, куыд æмбæлы, афтæ. Стæй нæ республикæйы хъæлæс кæныны хъуыддагмæ бацæттæ кæнын. Хатдзæгтæгæнæн æмбырдмæ хуынд æрцыдысты паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ, политикон партиты регионалон хайæдты минæвæрттæ, барадхъахъхъæнæг кусджытæ. Æдæппæтæй ивгъуыд аз арæзт æрцыд 32 æмбырды. Æркастысты дзы 112 фарстамæ. Центрон æвзарæн къамис Цæгат Ирыстоны Парламентмæ æркæсынмæ барвыста 2 закъоны проекты. баст сты бынæттон хиуынаффæйады оргæнты æвзæрстытимæ. Арвыстой ма 10 æвзарæн кампанийы, æмæ дзы архайдтой 314 кандидаты. Нæ республикæйы политикон партитæн, уыдон та сты 30, фадат уыди се ппæт кампаниты архайынæн дæр. Æмбырды ма æрдзырдтой техникон фарстатыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania