филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:29 воскресенье, 12 мая 2024
12 апреля 2022, 12:18
Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы арæзт æрцыд семинар-æмбырд политикон партиты регионалон хайæдтимæ

Уыдон архайдзысты Парламентмæ æвзæрстыты хъæлæс кæныны иумæйаг боны 11 сентябры

Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы арæзт æрцыд семинар-æмбырд политикон партиты регионалон хайæдтимæ. Уыдон архайдзысты Парламентмæ æвзæрстыты хъæлæс кæныны иумæйаг боны 11 сентябры. Афтæ, æвзарджыты нымæц уыдзæн 518 мины 452 адæймаджы. Парламенты, раздæрау, уыдзæн 70 депутаты. Сæ бартæ æххæст кæндзысты 5 азы дæргъы. Политикон партитæ нæ субъекты æвдыст сты 100 %. 28 партийæ дыууæ – Иугонд Уæрæсе æмæ Либералон демократон парти сæ кандидатты бадæтдзысты хъæуты сæргълæуджыты комкоммæ æвзæрстытæм. Уымæй дарддæр Центрон æвзарæн къамисы радзырдтой æвзарæн кампанийы ногдзинæдты тыххæй. Ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты федералон закъонмæ, «сæйраг гарантиты» æмæ «политикон партиты» тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania