14 июня 2022, 12:50
Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы арæзт æрцыд семинар, республикæйы парламентмæ æвзæрстыты архайджытæн
Кандидаттæн бæлвырд радзырдтой æвзарæн закъонæвæрынады тыххæй
Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы арæзт æрцыд семинар, республикæйы парламентмæ æвзæрстыты архайджытæн. Уыдзысты 11-æм сентябры. Кандидаттæн бæлвырд радзырдтой æвзарæн закъонæвæрынады тыххæй. Стыр æргом аздæхтой юридикон бындуртæм. Уæдæ радзырдтой политикон партиты хайæдты хæсты æмæ нысанты, стæй æвзарæн къамисы нымæцон сервисты тыххæй дæр. Дæнцæгæн æрхастой программæ «Кандидат». Уый фадат дæтты æвзарджыты къухфыстытæ электрон хуызы æрæмбырд кæнынæн.
темæмæ гæсгæ