Амад у бæрзонд хæхты Дæллаг Хъæнимæ хæстæг
Культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ æмæ хæзнатæ хъахъхъæнæг республикон Комитетæн уыд æнæнхъæлæджы цау – рагон хæстон мæсыг фенын. Амад у бæрзонд хæхты Дæллаг Хъæнимæ хæстæг. Мæсыг бахастой, культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты хыгъдмæ. Уæвæн ис, æмæ дурæй амад мæсыг уыд Санибайы æмæ Гæналдоны кæмттæ хъахъхъæнæг.
Адæймаджы къах кæм нæма æрлæууыд, ахæм хохаг къахвæндæгтыл Белеккаты Алан арæх ауайы. Профилон Комитеты культурон объектты паддзахадон хъахъхъæнынады хайады консультант ма у альпинист дæр. Алан фыццаг федта мæсыг. Лæууы Дæллаг Хъæнийæ километры æддæдæр, 1 мин метры уæлвæзадыл. Ссæуæн æм ис нарæг къахвæндагыл. Дурæй амад рагон ком хъахъхъæнæг æрбынат кодта Чызджыты хохы фарсмæ. Ныр мæсыг хаст æрцыд, культурон хæзнаты миниуджытæ кæмæн ис, уыцы объектты хыгъдмæ. Йæ раззаг къул аркæйимæ хорз уавæры ис. Бæрæг у, хæстон кæй у, уый: алы *рдыгæй дæр йæ къултыл ис хъæугæ рæстæг хæцæнгарзæй æхсæн кæцæй ис, ахæм гом бынæттæ. Йæ хуылфы уыд цалдæр уæладзыджы. У тынг стыр. Афтæ арæзт у, æмæ йæм чъылдымы *рдыгæй знагæн бацæуæны амал нæ уыд – амад у къæдзæхы тæккæ былгæрон. Бынæттон цæрджытæ, æнæмæнг, зонынц, ком хъахъхъæнæг мæсыджы, тыххæй. Фæлæ гæххæттыттыл нысан нæ уыд. Ныр уыцы хъæндзинад растгонд æрцыд.
Йæ комкоммæ хурныгуылæны *рдыгæй цы Хиах хох ис, уырдыгæй мигъты *хсæнæй дардмæ зыны хъæу Гæналы мæсыг. Уæвæн ис, æмæ мæсгуытæ хъахъхъæдтой Санибайы æмæ Гæналдоны кæмттæ.
Сæрмагонд процедурæты фæстæ, гæнæн ис, æмæ мæсыг хаст æрцæуа, культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты хыгъдмæ. Йæ истори нырма иртæстонд нæу. Уæвæн ис, æмæ ма нæ республикæйы ис ахæм мæсгуытæ.
Культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ хъахъхъæныны Комитеты специалисттæ дарддæр кæнынц сæ ахсджиаг куыст. Белеккаты Алан та фидæнмæ нысан кæны æндæр хохаг къахвæндагыл абалц кæнын.




