филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:34 понедельник, 15 декабря 2025
16 сентября 2019, 13:40
Цæгат Ирыстоны ведомтсвæты æхсæн арæзт цæуы оперативон профилактикон операци «Мак-2019»

Йæ сæйраг нысан у сбæрæг кæнын æмæ фесафын зианхæссæг кæрдæджытæ кæм байтыдтой, уыцы фæзуаттæ

Цæгат Ирыстоны ведомтсвæты æхсæн арæзт цæуы оперативон профилактикон операци «Мак-2019». Йæ сæйраг нысан у сбæрæг кæнын æмæ фесафын зианхæссæг кæрдæджытæ кæм байтыдтой, уыцы фæзуаттæ. Стæй бауромын наркотикты зилдухмæ æмхиц адæмы æмæ сын тæрхон рахæссын. Опреацийы архайынц барадон оргæнты æмæ паддзахадон хицаудзинады уæнгтæ. Сбæрæг кодтой хъылмайы кæрдæджытæ кæм зайынц ахæм 15 бынаты. Кунæг сæ кæнынц алы хуызон фæрæзтæй. Кæмдæрты цæуынц карст, кæмдæрты та сыл арт сыгътой, кæм дæрты та гербицидтæ. Оперативон мадзæлтты рæстæг ма сбæрæг кодтой наркотиктимæ баст 60 фыдракæнды.Уыдонæй закъоны размæ дзуапп дæтдзысты 17 адæймаджы. Æнæзакъон зилдухæй байстой наркотикты 9 килойæ фылдæр. Æппæт фыдракæндтæ ист æрцыдысты видеокамерæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania