филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:48 суббота, 18 мая 2024
25 июля 2023, 11:19
Цæгат Ирыстоны волонтерты къорд цæттæ кæны æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ æрвиты хусгонд хъæрмхуыппытæ

Ныр салдæттæн сæ бон у хæдзарыконд хæринагæй ацаходын, акъопы уæвгæйæ дæр

Цæгат Ирыстоны волонтерты къорд цæттæ кæны æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ æрвиты хусгонд хъæрмхуыппытæ. Ныр салдæттæн сæ бон у хæдзарыконд хæринагæй ацаходын, акъопы уæвгæйæ дæр. Æрдæгцæттæ продукттæй хъæрмхуыпп скæнын быдырон уавæрты æнцон у. Хъæуы сыл æрмæст фыцгæдон æркæнын. Волонтерты архайды тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Мæнæ ахæм у – хусгонд борщ. Ахæм æрдæгцæттæ продукттæй æфсæддон цуайнагæн ам цæттæ кæнынц аходæнтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ æрвитынмæ. Быдырон цæлгæнæн самал кодта Анна Левченко. У 2 сывæллоны мад, ахуыргæнæг. Куыд зæгъы, афтæмæй зæрдæйæ банкъардта, тохы быдыры хæстонтæн хæдзарыконд хæринаг æххуыс кæй уыдзæн, уый.

Анна куыд зæгъы, афтæмæй йæм хусгонд хъæрмхуыппытæ кæныны хъуыддаджы фæлтæрддзинад нæ уыд. Сахуыр интернеты æмæ йæ тырнындзинады фæрцы. Рецепт хорз уайын куы райдыдта, уæд куыст йæ тæмæны бацыд.

Ам кæрдынц, хус кæнынц æмæ фыцынц халсартæ дæсгай килограммтæ. Ацы хæринаггæнджыты къорды абон ис 3 адæймаджы – Вера, Аня æмæ Катя. Се *ппæтæн дæр сæ хæстæджыты *хсæн ис хæстонтæ.

Аннæйы хъæппæрисы тыххæй информаци уайтагъд апарахат йæ хæлæртты æмæ зонгæты хсæн. Продукттæ æлхæнынц хи фæрæзтæй. Зокъотæй хъæрмхуыппæн та зокъотæ Анна æмбырд кæны йæхæдæг. Аходæнтæ цæттæ кæнынц сæрмагонд хæдзарон рецептмæ гæсгæ.

Æфсæддон операцийы зонæйы салдæттæн Ирыстонæй хъæрмхуыппытæ сæ зæрдæмæ фæцыдысты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæрты хæринаг æнцондæр æмæ тагъддæр сцæттæ кæнынæн хусгонд продукттæ стыр ахъаз сты.

Ахæм ныхæстæ волонтерты разæнгард кæнынц фылдæр æххуыс кæнынмæ. Иутæ кæрдынц къабуска, иннæтæ лыг кæнынц хъæдындз, картоф æмæ уырыдзы, æртыккæгтæ та дзидзайы куыст кæнынц, цæмæй борщ бæзджындæр æмæ хæрзаддæр рауайа, уый тыххæй. Ингредиенттæ хус кæнынц хъарм уæлдæфæй. Сæрмагонд технологийы фæрцы халсартæ нæ фесафынц сæ пайдайаг æууæлтæ.

Хъæрхуыппыты фæстаг парти фронтмæ æрæджы арвыстой, æмæ та сæ хæстонтæ ногæй агурынц. Ацы чызджытæ цæттæ сты сæ архайд фæпарахатдæр кæнынмæ, фæлæ сæ хъæуы бæстыхай æмæ кусæнгæрзтæ. Ныр дæр та волонтертæ цæттæ кæнынц хусгонд тæвд хæринæгты парти. Зæрдæбын арфæтимæ фыстæджытимæ сæ хæстæгдæр рæстæг арвитдзысты æфсæддонтæн.

Алы ахæм чысыл хъуыддагæн дæр ис стыр нысаниуæг. Ацы чызджытæ архайынц, сæ бон цас у, уыйбæрц пайда æрхæссыныл, цæмæй уым, фронты, хæстонтæ æнкъарой, сæ фæстæ чи ис, уыдон сын ныфс кæй сты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania