Ирвæзынгæнджыты 17-æм хайады командæ ацы ерысты архайыны бар райста, конкурсы æвзарæн къæпхæн рамбулгæйæ, уыцы ерыстæ та Дзæуджыхъæуы ацыдысты апрелы
Цæгат Ирыстоны зынгхуыссынгæнджытæ Цæгат-Кавказы федералон зылды кад хъахъхъæнынц æппæтуæрæсеон конкурс-æркасты. Ирвæзынгæнджыты 17-æм хайады командæ ацы ерысты архайыны бар райста, конкурсы æвзарæн къæпхæн рамбулгæйæ, уыцы ерыстæ та Дзæуджыхъæуы ацыдысты апрелы. Архайдта дзы 18 командæйы. Специалисттæ сæ дæсныйад æвдыстой зын уавæрты кусынæй, цæлхдурты сæрты хизгæйæ сæ куыст цыбыр æмгъуыдмæ сæххæст кæнынæй. Республикæйы æнæнхъæлæджы цауты министрады управленийы хицау Александр Хоружий радзырдта ацы ерысты ахадындзинады тыххæй. Зынгсирвæзты рæстæг службæйы ирвæзынгæнджытæ фæкусынц æппæтæй карздæр бынаты, адæмы цард ирвæзынгæнгæйæ, фæлæ уыцы иу рæстæг та сæхи цардæн вæййы тæссаг. Уымæ гæсгæ сын сæ фæлтæрддзинадыл æфтауын хъæуы рæстæгæй-рæстæгмæ. Ерысты æппæтуæрæсеон къæпхæны æппæт бæстæйæ архайы 10 командæйы.




