филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:25 воскресенье, 01 февраля 2026
10 февраля 2023, 11:25
Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы арæзт æрцыд цымыдисаг фембæлд

Йæ темæ – адæмыхæттыты æмæ конфесситы хсæн ахастдзинæдтæ фидардæр кæнын

Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы арæзт æрцыд цымыдисаг фембæлд. Йæ темæ – адæмыхæттыты æмæ конфесситы хсæн ахастдзинæдтæ фидардæр кæнын. Уымæн æмæ фæсивæды хсæн уымæй аразгæ сты хæлар æмæ хъæрмуд ахастдзинæдтæ. Уый та ныртæккæйы рæстæг у тынг хъæугæ хъуыддаг. Лæппутимæ æмæ чызджытимæ аныхас кæнынмæ æрбацыдысты национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министрады специалисттæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, мидхъуыддæгты министрады æмæ дины кусджытæ. Æмбырды стыр æргом аздæхтой экстремизмы æмæ терроризмы ныхмæ мадзæлттæм нырыккон æхсæнады. Уымæй дарддæр ма æрныхас кодтой социалон хызты ахадындзинадыл фæсивæды хъомылады фарстаты. Специалисттæ сæрмагондæй ацы фембæлдмæ бацæттæ кодтой докладтæ æмæ радзырдтой цардæй ист цымыдисаг хабæрттæ. Рæзгæ фæлтæрмæ ахæм фембæлдтытæ æвзæрын кæнынц æнæниз цардыуагмæ уарзондзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania