филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:02 понедельник, 15 декабря 2025
26 октября 2024, 11:36
Цæгат Кавказы федералон зылды сæкæрнизимæ тох кæныны темæимæ баст æмбырд арæзт æрцыд Хицауады хæдзары

Мадзал сарæзта Паддзахадон думæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитет

Цæгат Кавказы федералон зылды сæкæрнизимæ тох кæныны темæимæ баст æмбырд арæзт æрцыд Хицауады хæдзары. Мадзал сарæзта Паддзахадон думæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитет. Йæ куысты, уый хыгъды он-лайн хуызы дæр, архайдтой федералон æмæ регионалон æмвæзады закъондæттæг оргæнты, Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты профилон министрадты æмæ службæты минæвæрттæ. Архайджытæн раарфæ кодта Парламенты спикер Тускъаты Таймураз. Куыд загъта, афтæмæй ацы темæ у тынг ахадгæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, рынчынтæн æххуысы фарстайыл хъæуы иумæйагæй кусын. Сæкæрнизимæ тох кæныны федералон проект æххæст кæныны тыххæй докладимæ раныхас кодта эндокринологийы национ медицинон иртасæн центры директоры хæдивæг Виктор Калашников. Куыд загъта, афтæмæй сæкæрниз абон у æппæтæй парахатдæр низтæй иу. Цæгат Кавказы федералон зылды ис дæсгай мин рынчынтæ. Цæгат Ирыстоны фыццаг æмæ дыккаг хуызы сæкæрниз кæмæ ис, уыдон сты 24 мин æмæ 500 адæймагæй фылдæр. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, нысангонд æрцæудзысты, ацы категорийы рынчынтæн æххуысы хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныны амындтытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania