филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
05 августа 2020, 12:25
Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студенттæн фадат фæцис нæ республикæйы социалон ахсджиаг объектты аразæтадмæ се вæрæн бахæссынæн

Афтæ иу къорд лæппуйы архайынц Ногиры скъолайы рацарæзты куыстыты

Дæсныйады фæлтæрддзинад райсын, уыимæ ма æххуыс дæр бакæнын. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студенттæ бирæ азты дæргъы фыццаг хатт æрвыст не рцыдысты Уæрæсейы цæгатаг горæтмæ, уый хыгъд сын фадат фæцис нæ республикæйы социалон ахсджиаг объектты аразæтадмæ се вæрæн  бахæссынæн. Афтæ иу къорд лæппуйы архайынц Ногиры скъолайы рацарæзты куыстыты.

Уаниты Ибрагим фæллойадон къорды фыццаг хатт нæ архайы. Йе вæрæн бахаста Зæрæмæджы гидроэлектростанцæйы арæзтадмæ, ныр та барвæндонæй бацыд æндæр арæзтадон объектмæ. Ныртæккæ студент æмæ йæ æмбæлттæ кусынц Ногиры скъолайы рацарæзтыл. Ибрагим куыд зæгъы, афтæмæй ахæм фæлтæрддзинад аудиторийы нæ райсдзынæ. Практикæйы рæстæг арæхайы йæ теорион зонындзинæдтæ фæфидардæр кæныныл.

Ацы объекты лæппутæ зын куыст нæ кæнынц. Бампъузынц хуынчъытæ, змæнтынц цемент, æххуыс кæнынц хистæртæн. Иуæй-иу хатт сын фадат вæййы инженертæ æмæ архитектортимæ дæр акусынæн. Архайынц сæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ арфдæр базоныныл.

Хъæппæрисджын фæсивæдимæ æхсызгон у кусын, зæгъы арæзтады прораб. Æмæ йæ уырны, ацы лæппутæй хорз специалисттæ кæй рауайдзæн, уый.

Адæппæтæй ацы аз Хæххон-металлургон институты студенттæй арæзтадон къордтæм бацыд 40 адæймаджы. Уый фаронимæ абаргæйæ у къаддæр. Йæ аххосаг – пандемийæ. Фæлæ цæмæй дæсныйады фæлтæрддзинад практикон æгъдауæй фидар кæной, уый тыххæй æрыгон аразджыты бахъуыд конкурсы ацæуын. 

Пандемийæйы аххосæй студентты ацы аз нæ арвыстой Норильскмæ дæр. Фæстаг цалдæр азы ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны студенттæ æрвыст цыдысты цæгатаг горæтмæ, фæлæ уый хыгъд ахуырдзаутæн фадат ис Цæгат Ирыстоны социалон ахсджиаг арæзтадон объектты архайынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania