филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:55 воскресенье, 01 февраля 2026
27 июля 2022, 10:14
Цæгат Кавказы республикæты 26 æрыгон поэты æмæ прозаикы бацархайдтой фыссæджы дæсныйады скъолайы

Æртæ боны дæргъы, 18 азæй 35 азы онг автортæ цыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæм фыссæджы дæсныйадæй

Цæгат Кавказы республикæты 26 æрыгон поэты æмæ прозаикы бацархайдтой фыссæджы дæсныйады скъолайы Æппæтуæрæсеон конкурсы æвзарæн къæпхæны. Æртæ боны дæргъы, 18 азæй 35 азы онг автортæ цыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæм фыссæджы дæсныйадæй. Эксперттимæ иумæ æвзæрстой уацмыстæ æмæ ахуыр кодтой хи литературон стилы фыссыныл. Скъолайы сæйраг эксперт уыди журнал «Нева»-йы сæйраг редактор, фыссæг Наталья Гранцева. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Кавказы федералон зылд хъæздыг у курдиатджын автортæй, æмæ ацы скъола поэттæн æмæ прозаиктæн фадат дæтты ног æмæ арф зонындзинæдтæ райсынæн. Уыдон та сын баххуыс кæндзысты се сфæлдыстады фылдæр æнтыстдзинæдтæ райсынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania