Турниры архайдта 1 мин сывæллонæй фылдæр Уæрæсейы 30 регионæй
Цæгатирыстойнаг æвзонг спортсментæ бацахстой 1-аг æмæ 2-аг командон бынæттæ Мæскуыйы æппæтуæрæсеон ерысты «Гимнастикйы Лигæ»-йы. Турниры архайдта 1 мин сывæллонæй фылдæр Уæрæсейы 30 регионæй. 9 азы онг категорийы ирон атлетты командæ рамбылдта сæйраг приз. Афæдз кæстæр спортсментæ та систы дыккæгтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
8 азы, уыдонæй 4 – залы. Наниты Вадим æрвылбон тренировкæ кæны æмæ йæ тырнынрдзинадæн ис бæлвырд хатдзæгтæ. «Гимнастикæйы Лигæ»-йы ерысты лæппу йæхи бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кодта. Рамбылдта æвзист майдан æппæтуæрсеон турниры Мæскуыйы. Вадим куыд зæгъы, афтæмæй йын раздæр æнтыст æрмæст пьедесталты 3-æм къæпхæнтæм схизын, ныр рацыд ног æмвæзадмæ. Гимнастикæйæ йе *мбæлттимæ архайы, уыдоны æнтыстдзинæдтæм дæр кæсы.
Сывæллæттæ тренировкæ кæнынц дæсны тренерты разамындæй. Алкæйы фæлтæрддзинад дæр сæ у – 25 азæй фылдæр. Феодосия Данилянц схъомыл кодта уæлахиздзауты цалдæр фæлтæры.
Сывæллæттæй бирæтæ ерысты фыццаг хатт не сты. Кæд æвзонг сты, уæддæр сын сæ курдиаты тыххæй базыдтой æппæт бæстæйы дæр. Туаты Альберт ацы хатт 9-æм бынат бацахста. Фидарæй йæ уырны, иннæ ерысты йæ къухы хуыздæр бæрæггæнæн кæй бафтдзæн, уый. Ацы турнирæй йæм баззад æрмæст хорз æнкъарæнтæ.
Æдæппæтæй Мæскуыйы турниры архайдта 1155 æвзонг спортсмены 30 регионæй. Сæрмагондæй ирон атлетты командæ рамбылдта ерысты сæйраг приз 9 азы онг кары. Афæдз кæстæр сывæллæттæ та сæ кары къорды бацахстой 2-аг бынат. Ирон командæтæ «Лига гимнастики»-йы фыццаг аз нæ архайынц, æмæ алы хатт дæр бацахсынц призон бынæттæ. Разæй – ног бæрзæндтæ. Æвзонг спортсментæ ныридæгæн цæттæ кæнынц радон ерыстæм.