филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:18 пятница, 01 ноября 2024
24 октября 2024, 10:45
Цæгатирыстойнаг спортсментæ Парижы Паралимпаг хъæзтыты рамбылдтой сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантæ

Ацы бонты та сæ схорзæхджын кодтой паддзахадон хæрзиуджытæй

Æрвылбоны фæллой æмæ хиуыл ахадгæ куыст. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ сты, уды стыр фидардзинад кæмæ ис, ахæм адæм. Цæгатирыстойнаг спортсментæ Парижы Паралимпаг хъæзтыты рамбылдтой сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантæ. Ацы бонты та сæ схорзæхджын кодтой паддзахадон хæрзиуджытæй. Спортментæ ныридæгæн бавнæлдтой тренировкæтæм. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы спортсментæй алчидæр æрвылбон йæхиуыл кусы, зындзинæдты сæрты хизгæйæ. Се *нæниздзинад хъыгдард у, фæлæ уæддæр сæ цардыуагæй æвдисынц, ахæм адæмæн сæ бон у активон уæвын. Спортæй хуымæтæджы нæ архайынц, æдзух вæййынц алыхуызон ерысты. Уыдонæй æппæтæй сæйрагдæр сты Паралимпаг хъæзтытæ. 4 азы сæйрагдæр ерысмæ цæттæ кодтой фæлтæрдджын тренерты разамындæй.

Æдæппæтæй Цæгат Ирыстонæй Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъды рог атлетикæйæ Паралимпаг хъæзытыты уыд 6 спортсмены. Се *ппæт дæр сты спортивон скъола «Стимул»-æй. Ерысты фæстæ спортментæ сæ фæллад уадзынмæ не *рлæууыдысты, уайтагъд та бавнæлдтой тренировкæтæм æмæ цæттæ кæнынц радон турниртæм.

Уæвгæ, ис лыггæнинаг фарстатæ дæр. Тренировкæ кæнын æнцон нæу – спортсментæн нæй хицæн зал, нæй, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн сæрмагонд ифтонггæрзтæ. Фæархайынц «Манеж»-ы. Уым уыцы рæстæг семæ тренировкæ кæнынц бирæ спортсментæ, вæййынц ерыстæ спорты иннæ хуызтæй.

Ацы адæммæ ис уды стыр фидардзинад, сæ миддунейы гæнæнтæ, æцæгдæр æгæрон сты. Бантыст сын сæ зындзинæдты сæрты ахизын, сæ къухы бафтыд бæрзонд бæрæггæнтæ, æмæ ууыл æрлæууын нæ фæнд кæнынц. Разæй ног нысантæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania