филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:19 понедельник, 15 декабря 2025
26 июля 2025, 10:36
Цæгатирыстойнаг спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц Æмбалады Кубок рамбулыны ерыстæм

Уыдзысты августы Минскы

Цæгатирыстойнаг спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц Æмбалады Кубок рамбулыны ерыстæм. Уыдзысты августы Минскы. Республикæйы бæхты-спортивон скъолайы æрвылбон цæуынц тренировкæтæ. Спортсментæ цавæр нысантæ æвæрынц сæ размæ, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Тренировкæты алы ахæм, раст конд гæпп спортсмены хæстæг кæны уæлахизмæ ерысты. Республикæйы бæхты-спортивон скъолайы æрыгон, фæлæ фæлтæрдджын барджытæ зонынц алы рæдыды аргъ. Тренер æдзух сæ фарсмæ ис. Сезоны æмбис фæцис, разæй – ахсджиаг ерыстæ. Алы тренировкæйæн дæр æнæмæнг хъæуы анализ кæнын.

Цæгат Ирыстоны иугонд командæ ахадгæйæ цæттæ кæны Хæдбар паддзахадты æмбалады Кубок рамбулыны турнирмæ. Уыдзæн августы райдиан Минскы. Тренировкæгæнæн фæзы зын элементтæ æнцонæй нæ уайынц. Уæлдайдæр та, бæрæггæнæн æрмæст барæгæй аразгæ нæу, фæлæ йæ бæхимæ æмархайдæй. Уый æнтыстджынæй æфты Арина Луценкойы къухы. 16-аздзыд чызг бахауд Уæрæсейы фæсивæдон командæйы хыгъдмæ. Кира ИванОва та спорты ис 10 азæй фылдæр, уыимæ йыл æрмæст 17 азы цæуы. 2 чызджы дæр архайдзысты Æмбалады Кубокы. Цæттæ кæнынц 3 хуызы ерыстæм. Ныр кусынц конкурыл.

Хъуысаты Алан æрмæст Цæгат Ирыстоны командæ нæ цæттæ кæны, йæхæдæг дæр архайдзæн ерысты. Йæ хъомылгæнинæгтæн у дæнцæг.

Цæгат Ирыстоны бæхты-спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæн Минскы ерыстæ уыдзысты хорз гæнæн сæхи равдисынæн.  Уæвгæ, ам æрмæст спортсменты нæ цæттæ кæнынц, фæлæ ахуыр кæнынц, бæхыл бадын кæй фæнды, уыдоны се *ппæты дæр. Абон скъолайы лæвар архайы 100 адæймаджы онг. Сæ фылдæр сты чызджытæ. Скъолайы ма цæттæ кæнынц иу ахсджиаг цаумæ.

Адæймаг æмæ бæх æмархайд кæнынц æрмæст тренировкæгæнæн фæзы нæ. Бæхдоны барджытæ зилынц сæ цыппаркъахыг хæлæрттæм. Уый у æнæмæнг æрвылбон ритуал. Зындзинæдтæм ам алкæмæдæр ис иу цæстæнгас – сты уæлахизмæ къæпхæн. Æмæ уый Цæгат Ирыстоны иугонд командæ нысан кæны  Æмбалады Кубокы равдисын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania