филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:54 среда, 26 июня 2024
24 января 2022, 12:14
Цæхæрадæтты æмбалад «Наука»-йы цæрджытæ сæхи ифтонг кæнынц сугтæй æмæ æндзарынц сæ пецтæ

Кæд территоримæ газ уагъд æрцыди, уæддæр бирæ хæдзæрттæ баззадысты æнæ цъæх артагæй

Цæхæрадæтты æмбалад «Наука»-йы цæрджытæ сæхи ифтонг кæнынц сугтæй æмæ æндзарынц сæ пецтæ. Кæд территоримæ газ уагъд æрцыди, уæддæр бирæ хæдзæрттæ баззадысты æнæ цъæх артагæй. Ам фæзынди фылдæр хæдзæрттæ æмæ абоненттæ, уымæ гæсгæ центрон линимæ  фылдæр хæтæлтæ иу кæны. Куыд фæбæрæг уый адæмы цардыл, уый тыххæй радзурдзæн Бокоты Виктория.

Бестауты бинонты кæстæртæй иуæн йе нæниздзинад у цудыд, уымæ гæсгæ цæхæрадæтты æмбалад «Наука»-йы хæдзар балхæдтой, цæмæй йын йæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæной, уый тыххæй. Амæй размæ цардысты 5-æм уæладзыджы, æмæ инвалиды коляскæ дыууæрдæм кæнын уыди тынг зын.

Рагæй кæмæ бæллыдысты, уыцы ивддзинæдты сæм разæй цы æнхъæлмæ касти, ууыл хъуыды дæр нæ кодтой. Валентинæ куыд зæгъы, афтæмæй сæм сæрды къуылымпыдзинæдтæ нæ уыди, райдыдтой хæдзар цалцæг кæнын. Зымæгмæ хæстæг та сæм фæзынди бирæ лыггæнинаг фарстатæ. Сæйрагдæр уый, æмæ хæдзары у тынг уазал. Газы хæтæлы æлхъывдад у æгæр ныллæг.

Ацы фарстайыл дзуры поселочы хистæртæй иу  Гаглойты Николай дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй ам зæххы хай райста 80-йæм азты. Раст зæгъгæйæ дзы газ бауадзыны фæнд скодта æрмæстдæр фарон. Фидгæ дæр ын гыццыл нæ бакодта. Фæлæ кæронбæттæн хатдзæг зæрдæйы фæндон нæ рауад.

Дзæуджыхъæуы газпромы филиалы зæгъынц, закъонмæ гæсгæ, цæрджытæ хъуамæ курдиат бахæссой проектон институтмæ, цæмæй сын уым проект саразой, уый тыххæй. Уый фæстæ йæ хъуамæ арвитой газы службæйы кусджытæм. Специалисттæ йæм æркæсдзысты, æмæ снысан кæндзысты газы хæтæлтæ æвæрыны фæтк. Сæ къулымпыдзинад дæр уый у, æмæ йæ рæстæджы адæм коммуникацитæ бауагътой сæхæдæг. Хæтæлтæ сты æгæр лыстæг. Хъуамæ уой 3 хатты стырдæр.

Цæхæрадæтты æмбалады минæвæрттæ уыимæ разы не сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй хæтæлты уæрх райстой абонентты бадзырдтæй. Уыдоны хъуыдымæ гæсгæ та уавæры аххосаг у, цæрджытæ дзы зынгæ кæй фæфылдæр, уый. Ныр хъуыддаг у афтæ – газ цас æмбæлы уыйбæрц цæуы, æрмæстдæр газдæттæн кусæнгæрзтæм хæстæгдæр цы фæзуæттæ ис, уырдæм.

Дзæуджыхъæуы газпромы зæгъынц, цыфæндыйæ дæр дзы æнæ стыр рацарæзтæй уавæр нæ аивдзæн. Территори горæтмæ кæй хауы, уымæ гæсгæ, Дзæуджыхъæу цæттæ уаид мидæггаг хызты рацарæзтæн фæрæзтæ радих кæнынмæ. Фæлæ Æрмæст æмбалады юридикон статус  ивд куы æрцæуа, уæд, уымæн та практикæ куыд амоны, афтæ гæнæн нæй. Администрацийы ацы хъуыддаджы фæдыл йæ хъуыдытæ ничи загъта. Куыд загътой, афтæмæй сæ бартæ æмбалады арæныл фæвæййынц. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æххæстбарджын минæвар республикæйы муниципалон сконды советы Фадзайты Æхсарбег загъта, закъонмæ гæсгæ, газуадзыныл æмбалады фæлгæты ис цæрджытæн сæхи уæхсчытыл. Уымæ гæсгæ, юридикон æгъдауæй уыдон сты зæххы хæйтты хицæуттæ.

Сæвзæрд уавæр, уæлдайдæр та цæхæрадæтты æмбаладты ахæм хъуыддæгтæ арæх кæй сæвзæры, уый тыххæй фарста хаст æрцыди федералон æмвæзадмæ. Ныр зæрдæ дарæн ис, газæй ифтонг кæныны программæйы радон къæпхæнмæ хаст кæй æрцæудзысты, ууыл. Фадзайты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, цæхæрадæтты æмбаладты фæстаг рæстæг цæрджыты нымæц кæны фылдæр. Уымæ гæсгæ йæ уырны, фарста хорзырдæм лыггонд кæй æрцæудзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania