филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:16 вторник, 16 декабря 2025
11 июня 2024, 12:08
Цъæйы комы сбæрæг кодтой ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Реком

Нарты кадджытæм гæсгæ, Рекомы кувæндон сæвзæрд, Хуыцау Батрадзы мæлæты фæстæ цы æртæ цæссыджы æркалдта, уыдонæй иу кæм æрхауд, уыцы ран

Цъæйы комы сбæрæг кодтой ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Реком. Нарты кадджытæм гæсгæ, Рекомы кувæндон сæвзæрд, Хуыцау Батрадзы мæлæты фæстæ цы æртæ цæссыджы æркалдта, уыдонæй иу кæм æрхауд, уыцы ран. Конд у хъæдæрæмæгæй æнæ зæгæлтæй. Сæхи Хуыцауыл бафæдзæхсынмæ ацы бон æрæмбырд бирæ адæм.  Фæстаг азты хицæн куывд вæййы сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ республикæйæ чи архайы, уыдоны тыххæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иумæ – Рекоммæ – фæцæттæ кæнынц афæдзы дæргъы. Равзарынц фысымты. Уый тыххæй Цъæйы комæй рацæугæ мыггæгты хсæн хæлттæ сыппарынц. Бæрæгбонмæ ма 2 мæйы куы баззайы, уæд райдайы ахадгæ цæттæгæнæн куыст.

12 сахатыл нæлгоймæгты сæйраг кувæндоны цур хистæртæ скуывдтой.  Ацы бæстыхайæн ис стыр историон-архитектурон нысаниуæг. Конд у хъæдæрæмæгæй æнæ зæгæлтæй. Сылгоймæгтæм ардæм цæуыны бар нæй, бирæ нæлгоймæгтæ та рагон æгъдаумæ гæсгæ сыгъдæг бынатмæ бацæуынц бæгъæвадæй. Рекомы бæрæгбон æрмæст Цъæйы комæй рацæугæ адæмы нæ иу кæны. Хуыцаумæ скувынмæ æрбацæуынц сæдæгай адæмы æппæт Ирыстонæй.

Сæ куывдты хистæртæ фæкурынц сабырдзинад æмæ амонд. Фæстаг азты  хицæн куывд вæййы, сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ хæстонтæй чи архайы, уыдоны тыххæй.

Баситы бинонтæ ам вæййынц æрвылаз. Семæ æнæмæнг æрбакæнынц сывæллæтты дæр, цæмæй фыдæлтæй цы æгъдæуттæ баззад, уыдон сæм фæхæццæ кæной.

Сывæллæттæн саразынц ерыстæ ирон хъæзтытæй, цæмæй афтæмæй ацы ахсджиаг бæрæгбоны мидис хуыздæр бамбарой.

Рекомы ном æмбæлы Нарты Кадджыты. Нарты Батрадзы мæлæты фæстæ Хуыцау æркалдта 3 цæссыджы. Кæм æрхаудысты, уыцы бынæтты сæвзæрдысты Ирыстоны 3 сæйраг кувæндоны – Реком, Таранджелос æмæ Мыкалгабыр. Рæстæг цæуы, бирæ ивддзинæдтæ хæссы, фæлæ раздæрау кувæндæттæ сты адæмы иудзинады бынат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania