Ацы маршрут республикæйы уыд фыццаг экологон къахвæндаг
Цъæйы комы стыр рацарæзты фæстæ байгом Цæгат Ирыстоны рагондæр экологон къахвæндаг. Цæуы Гакъон æхсæрдзæнмæ. Ацы маршрут республикæйы уыд фыццаг экологон къахвæндаг. Рацарæзты фæстæ сси æнцонвадатдæр æмæ æдасдæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ноггонд бацæуæны фидæны бæлццæттыл æмбæлынц традицимæ гæсгæ 3 кæрдзынимæ. Афтæ радон аивгæнæн куыстыты фæстæ байгом кодтой экологон къахвæндаг. Уæвгæ, ацы маршрутыл фыццаг экскурсион къордтæ 10 азæй фылдæры размæ ацыдысты. Уæд биолог æмæ республикæйы сгуыхт эколог Константин Попов уыд, къахвæндаг скæныныл чи куыста, уыдоны хыгъды. Абон реконструкцийы фæстæ та Цъæйы комыл кæны бæлццæтты. Гакъон æхсæрдзæнмæ фæндаг цæуы рæсугъд хъæдыуылты. Йæ дæргъ 720 метры бæрц. Алы къахдзæфыл дæр – уникалон зайæгойтæ: реликтон тæрсæй æмæ залгъæды онг. Æдæппæтæй ам æмбæлы 100 хуызæй фылдæр, уæлдай цымыдисаг сты, 400 милуан азы размæ дурæвзалыйы заманы чи рæзыд, уыцы зайæгойты фæдонтæ.
Реконструкцийы фæстæ Гакъон æхсæрдзæнмæ туристон маршрутыл фыццаг ацыдысты, ацы фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ фидæны дæсныйады кæй бахъæудзысты, уыдон. Мамиаты Кристинæ ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты 2-æм курсы. Фæнд кæны картографæй æмæ топографæй кусын. Ирыстоны къахæвæндæгтæ рагæй ахуыр кæны, фæлæ ам чызг фыццаг хатт ис. Куыд зæгъы, афтæмæй йын алцыдæр цымыдисаг у.
Æцæгдæр, къахвæндагыл информаци чысыл нæй. Специалисттæ бацархайдтой. Зайæгойты раз ис сæрмагонд табличкæтæ. Маршрут нысангонд у бурбын сырх хуызæй, фæдзæгъæл уæвын нæй. Æхсæрдзæнмæ фæндаг зыныл нымад нæу. Фæлæ дзы уæддæр ис тæссаг бынæттæ. Къуылдым сæхгæдтой хæцæнтæй, конд сты экологон æрмæджытæй. Алы къахдзæфимæ дæр æхсæрдзæны уынæр хъæрдæрæй хъуысы. 20 метры бæрзæндæн доны объекты тых æххæстæй разыны сæрдыгон, фæлæ ацы афон дæр йæ рæсугъддзинадæй дисы æфтауы.
Æхсæрдзæнмæ маршрут Цæгат Ирыстоны сси фыццаг экологон къахвæндаг. Туристты хсæн абон дæр парахат у. Сусæг кæны бирæ цымыдисаг хабæрттæ. Зæгъæм, йæ ном алы рæстæджыты алыхуызон уыд.
Туристон маршруты реконструкци у куыстуат «Фæдзæхст Ирыстон-Алани»-йы æмæ «РусГидро»-йы æмархайды хатдзæг. Иумæ республикæйы территорийы байгом кодтой 5 экологон къахвæндаджы. Уыдонæй цыппар ног кæнынц. Гакъон æхсæрдзæнмæ маршрут се *хсæн сси фыццаг. Стырдæр энергетикон компани ацы хъуыддаг æххæст кæны хæрзаудæн программæмæ гæсгæ.
Гакъон æхсæрдзæнмæ къахвæндаг Цъæйы комы иунæг нæу. Ам ма ис цъитимæ фæндаг дæр. Ирыстоны хæхты туристон маршруттæ бæлццæттæн кæддæриддæр цымыдисаг уыдысты. Фенынц дзы æрмæст æрдзы рæсугъддзинæдтæ нæ, фæлæ ма райсынц бирæ ног зонындзинæдтæ. Ахсджиаг у, ацы бынæттæм æрбацæугæйæ, ма рох кæнын, хъахъхъæнын сæ кæй хъæуы, уый.




