филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
28 января 2021, 11:32
Цæллагты Зауырбег историон бæлвырддзинæдтимæ сног кодта мыггаджы мæсыг

Комплексы территорийы сарæзта музей, стæй ма гом арвы бын кинотеатр

Цæллагты Зауырбег историон бæлвырддзинæдтимæ сног кодта мыггаджы мæсыг. Комплексы территорийы сарæзта музей, стæй ма гом арвы бын кинотеатр. Цæллагты мыггаджы фæдон сфæнд кодта мыггаджы мæсыджы дуæрттæ ноджы уæрæхдæр байгом кæнын уазджытæн, æмæ дзы скодта фысымуат. Афтæмæй, республикæйы уазджытæ сæ рæстæг хæхбæсты арвитдзысты æрмæст сæ фæлладуадзгæйæ нæ, фæлæ ма рагон адæмы цардимæ æнгомдæр базонгæ уæвгæйæ.

Рагон хæдзары æууæлтæ Уыналы, фæлæ уыцы иу рæстæг нырыккон домæнтæ хъуыдыгæнгæйæ. Ирон пец бæрзонд æмвæзадыл технологитимæ сфидыдта куыд хуыздæр нæй, афтæ. Вайфай, хорз интернет алы нырыккон гæнæнтæ… Проект «Гостевой домик»-ы автортæ сæ хъуыды æххæст кæнын райдыдтой æрæджы. Фарон райстой, 10 азæй фылдæр афтид чи уыди, ахæм бæстыхай. Ног азы бæрæгбæтты æгасцæуай загътой фыццаг уазджытæн. Йæ бинонтимæ æхсæвы дзы баззайын кæй фæнды, ахæмтæ дæр бирæ ис. Сæ фылдæр хай сты, музей «Мыггæгты мæсгуытæ «фенын кæй фæнды, ахæм туристтæ.

Ацы бынæтты фысымуат хъуыди æнæмæнгæй. Фæсивæд программæ «райдайгæ амалхъомдзинад» æххæстгæнгæйæ, экономикон рæзты министрадæй райстой грант. Стæй ма рамбылдтой центр «Мæ бизнес»-ы конкурс «Афæдзы хуыздæр социалон проект». Цы фæрæзтæ райстой, уыдонæй ныридæгæн спайда кодтой сæ бизнесы разтæн.

Къæпхæнгай ам арæзт цæуынц æппæт фадæттæ æрбацæуджыты æнцойдзинадæн.

Цæллагты Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй сæм ныридæгæн ис проект райрæзын кæнынæн хъуыдытæ. Фидæны ам фæзындзæн ног бындурон арæзтæдтæ. Автортæ æнхъæлмæ кæсынц уазджыты фæндонтæ æмæ фиппаинæгтæм дæр. Фæлæ уал проекты рæзты райдианты иууылдæр разы сты алцæмæй дæр. Æрбацæуджыты зæрдæмæ тынгдæр цæуы рагон арæзтад хæлд кæй не рцыди, æмæ дзы фыдæлтыккон царды нывтæ кæй зынынц, уый. Проект «Мыггæгты мæсгуытæ» æххæстгæнгæйæ ацы бынæтты фысымуат кæй фæзынди, уый радта ног гæнæнтæ дæр. Уынал, куыд фæстæмæ, суыдзæн туристтæ зæрдиагæй кæдæм цæудзысты, ахæм ран. Ам æрмæст хæхтæ æмæ сыгъдæг уæлдæф нæй, фæлæ ма дзы фæзынди, уазджытæ цы феной æмæ кæм бахсæвиуат кæной, уый дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania